ИНО-йы Украинайы æнæивгæ минæвар, Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы бæстæйы, а.х. хæдбар паддзахадтæй банымады фæдыл Уæрæсейы президенты барамындтæ кæрæдзиимæ абарста – ныхасæй-ныхасмæ йын йæ къопи систат, мур кретивондзинад дæр уæм нæй
Иугонд Нациты Организацийы Украинайы æнæивгæ минæвар, Сергей Кислица ИНО-ы æдасдзинады советы рабадтыл, йæ хъусдард раздæхта уыцы фактмæ, ома Уæрæсейы Федераци ныхасæй-ныхасмæ рафæлхатт кодта сæрмагонд уынаффæ Украинайы суверенон регион Луганскы а.х. Хæдбарад банымадæн, афтæ куыд 2008 азы оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийы Цхинвал регионы цауы бакодта. Информаци хъусын кæны украинаг медиа.
«Ныхасæй-ныхасмæ йæ копировкæ скодтат. Иу мур кретивондзинад дæр уæм нæй», – райхъусын кодта Кислица æмæ ИНО-ы æдасдзинады советы уæнгтæн бавдыста дыууæдæр документ, кæцыйы аналогион тексттæ сты банысангонд.
«Ксерокс дзæбæх кусы. Дарддæр та чи уыдзæн? Ацы фарст у гом», – бафтыдта ма украинаг дипломат.
«Украинайы Луганскы регионы фæдыл, 2022 азы 21 февралæй датæвæрд барамынды дзырдæуы: «Луганскы адæмон республикæйы адæмы фæндмæ æмбæлгæйæ, Украинайы нæзагъдыл конфликт сабырæй аскуыддзаг кæныныл, «Минскы бадзырдмæ» æмбæлгæйæ, Луганскы адæмон республикæ суверенон æмæ хæдбар паддзахадыл нымад æрцæуæд». Документы ма афтæдæр дзырæдауы, ома «Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад, сыххæст кæнæд Луганскы фарсимæ бадзырдтæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл æмæ бафыстæуæд бадзырд æмбæлгæ документтæй».
Барамындмæ гæсгæйæ, афтæдæр Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ, æххæстгæнæг хицауады интересджын федералон органтимæ иумæ хæслæвæрд уыд, «сыххæст кæнæд бадзырдтæ Луганскы фарсимæ, хæларады, æмгуыстады æмæ кæрæдзийæн æххуысы бадзырды проекты бацæттæйыл æмæ æнхъарæн йæ бафыссыны фæдыл бæрæг фæлгæттæм æмбæлгæйæ бавдисæд».
«Луганскы адæмон республикæйы къухдариуæггæнæгæй Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрадмæ куырдиаты фæдыл, барамынды æртыккаг пункты бавдыст бадзырд бафыссыны размæ, Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтæ Луганскы адæмон республикæйы территорийыл сабырадæн æххуысгæнæгæй уæд», – дзырдæуы документы.
Ныр оккупацигонд Цхинвалы регионы фæдыл барамынды тыххæй куы зæгъæм, кæцы 2008 азы 26 августæй датæвæрд у, уым дзырдæуы: «Хуссар Ирыстоны адæмы фæндмæ æмбæлгæйæ, Хуссар Ирыстоны Республикæ суверенон æмæ хæдбар паддзахадыл нымад æрцæуæд».
Документы ма афтæдæр фыст ис, ома «Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады сыххæст кæнæд Хуссар Ирыстоны фарсимæ бадзырдæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл æмæ баххæсгæ бадзырд формæйыл конд æрцæуæд æмбæлгæ документтæй».
«Фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ, æххæстгæнæг хицауады интересджын федералон органтимæ иумæ хæслæвæрд уыд, «сыххæст кæнæд бадзырдтæ Хуссар Ирыстоны фарсимæ, хæларады, æмгуыстады æмæ кæрæдзийæн æххуысы бадзырды проекты бацæттæйыл æмæ æнхъарæн йæ бафыссыны фæдыл бæрæг фæлгæттæм æмбæлгæйæ бавдисæд», – банысангонд у документы.
Уым ма афтæдæр дзырдæуы: «Хуссар Ирыстоны Республикæйы президенты Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрадмæ куырдиаты фæдыл, барамынды æртыггаг пункты бавдыст бадзырд бафыссыны размæ, Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырадæн æххуысгæнæгæй уæд».