ИНО-йы генералон нымæрдар Антонио Гутерриш Ираклий Къобахидземæ ныхас кæны - ИНО æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуыстдзинады фæарфдæр кæнынмæ
ИНО-йы генералон нымæрдар Антонио Гутерриш Ираклий Къобахидзейæн премьер-министры бынатмæ снысангонды фæдыл арфæ кæны.
Фыстæджы ис фыст, цæмæй Иугонд Нациты Организаци æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуысткæнынады фæарфдæр кæнынмæ, 2030-æм азы æнæфæцудгæ рæзынады боны фæткы æмæ фидæны тыххæй бадзырды нысæнттæ сæххæст кæнынæн.
«Фæнды мæ раарфæ кæнон Гуырдзыстоны премьер-министрæй дæ ногæй снысан кæныны фæдыл». Иугонд Нациты Организаци æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуысткæнынад фæарфдæр кæнынмæ, цæмæй 2030-æм азы æнæфæцудгæ рæзынады боны фæткы æмæ Фидæны тыххæй бадзырды нысантæ сæххæст кæной. «Регионалон сабырад æмæ æдасдзинады фидар кæнын нырма дæр у приоритет, сæрмагондæй ИНО-йы æххуысæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмæ конфликты зианбаййафæг цæрæг адæмæн æххуысы фæрцы», — дзырдæуы фыстæджы.
Антонио Гутерриш банысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæмæн сæ бон у æнхъæлмæ кæсой ИНО-йы æмæ Гуырдзыстоны фарстайы фæдыл кусæг къорды дарддæры фарсылхæцындзинадмæ.