ИНО-йы генералон нымæрдар Антонио Гутерреш Гуырдзыстоны президент Михеил Хъавелашвилийæн хæдбардзинады бон арфæ кæны
Иугонд Нациты Организацийы генералон нымæрдар Антонио Гутерреш Гуырдзыстоны президент Михеил Хъавелашвилийæн хæдбардзинады бон арфæ кæны.
«Цытджын президент, арфæ уын кæнын Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытæн. Националон бæрæгбæттæ, уыцы иу рæстæг, сты фадат иумæйагæй хъуыды кæнын дунеон фарстатыл. Дунеон æмæхсæнад фылдæрæй-фылдæр кæны вазыгджын хæслæвæрдтыл, кæцыты æрбæстон кæнынæн хъæуы бирæвæрсыг ахаст – климаты кризисæй райдайгæйæ конфликттæ æмæ рæзгæ социалон æнæбарыдзинадмæ. ивгъуыд азы ИНО-йы Генералон Ассамблейы æрдыгæй.
Ноджы иу хатт арфæ кæнын сымахæн æмæ гуырдзиаг адæмæн ацы сæрмагонд боны фæдыл. «Цытджын президент, айсут мæ арф кад æмæ сеппæтæй хуыздæр фæндиæгтæ» -ис фыст арфæйы фыстæджы, кæцыйы Гуырдзыстоны президенты администраци парахат кæны.