ИНО-йы æдасдзинады совет райста резолюци, кæцыйы ис æркуырд Газæйы секторы æхст æнæаргъæвгæйæ фæурæды æмæ амынæты æнæуæлдай ныхасæй ссæрибар кæныны фæдыл
ИНО-йы æдасдзинады совет рахаста резлюци, кæцы Газæйы секторы æхст æнæаргъæвгæйæ бауромын æмæ амынæты уæвджыты æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæнын домы.
«ВВС» куыд фыссы афтæмæй, АИШ фæивдта сæрмагонд позици, йæхи баурæдта резолюцийæн фарсрахæцынæй, фæлæ документыл ветонæ сæвæрдта.
Резолюциимæ сразы сты ИНО-ы æдадсзинады советы 14 уæнгы. Документы фыст ис сидт, ома Газæйы секторы æхст урдæ æрцæуа пысылмонты сыгъдæг мæйы, Рамаданы периоды. Рамаданы фæудмæ ма дыууæ къуыри баззад.
7 октябры «Хамасы» Израилмæ бырты дзуаппæн, Газæйы Секторы райдайгæ хæстон архæйдтыты фæстæ уый у фыццаг резолюци, кæцыйы Газæйы секторы æхст æнæаргъæвгæйæ фæурæды фæдыл æркуырд ис. Уæдмæ АИШ блокировкæ кодта кæцыфæнды документ, кæцыйы термин «æхсты фæурæды» кой уыдис.
Бакой уын кæндзыстæм, резолюци райсты онг Израилы премьер-министр Биньявин Нетаньяхо райуъсын кодта,ц æмæй аивдзæн уынаффæгæнджыты визит Вашингтонмæ, кæд АИШ абон плангонд ИНО-йы æдасдзинады советы рабадтыл Газæйы Секторы æхст фæурæды сидт хæссæг резолюцийыл вето нæ сæвæрдзæн уæд.