ИНдонезийы ног фидар зæхæнкуысст æрцыд. 6.3 магнитудæйы тыхы стихийы эпицентр уыдис сакъадах Сумбайы хуссар-ныгуылæны 66 километр дæрццæг, Индийы океаны. Ног зæххæнкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты кæнæ зианбаййафджыты фæдыл информаци нæ хæлиу кæны.
Сакъадахджын паддзахад цалдæр боны размæ æрцæугæ масштабон æрдзон катастрофæйы тыххæй, нырма даргъ кæнынц ирвæзынгæнæн æмæ агурæн куыстытæ.
ФÆстаг бæрæггæнæнтæй, 7,5 магнитудæйы тыхы зæххæнкуыстæй расайгæ цунамийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 1350-йæ ахзызт. Уый фæдыл хъусын кæны бæстæйы стихион æнамонддзинæдты фæткдар агентад.