Имерет фысым кæны Украинайы хæстон архæйдтытæй зианбавзарæг бинонтæй Гуырдзыстоны уазæгуат уæвæг сывæллæттæн æмæ сæ ныйарджытæн
Имерет фысым кæны, Украинайы хæстон архæйдтытæй зианбавзарæг бинонтæй Гуырдзыстоны уазæгуат уæвæг сывæллæттæн сæ ныйарджытимæ иумæ. Информаци уый тыххæй, зылды администраци хъусын кæны.
Администрацийы хъусинагæй, Имереты паддзахадон æвджидон Звиад Шаламберидзе уазджытæн сæ размæ рацыд æмæ сæ регионы машстабæй плангонд туры фæдыл информациимæ æрзонгæ кодта.
«30-æй фылдæр украинаг хæстæй зианбаййафæг уазæг Имереты историон, культурон æмæ этнографион хицæндзинæдтимæ базонгæ уыдзысты. Туры фæлгæтты фæуазæг уыдзысты Моцъаметайы (Хъизæмаргæнджыты) æмæ Гелаты моладзандæттæ, Прометейы лæгæт æмæ сывæллæттæн уагъд уыдзæн имеретаг хæринæгтæ аразыны мастеркласс.
Гуырдзыстоны парламенты диаспорæйы æмæ Кавказы фарстаты комитеты, афтæма горæт Одессæйы генералон консулы Торникэ Берекашвилийы инициативæйæ, Гуырдзыстон 30-æй фылдæр украинаг, хæстæй зианбавзарæг уазæгæн фысым кæны. Сывæллæттæ æмæ сæ ныйарджытæ сты Ирапены, Бучайы, Херсоны, хуссар Одессæйы зылды цæрджытæ. Дæс боны дæргъы сывæллæттæ æмæ сæ хъомылгæнджытæ, Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр ранмæ фæуазæг уыдзысты», – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.