Иллинойсы штаты æхсты фæстиуæг фондз адæймаг фæмард, цалдæр та фæцæф

Иллинойсы штаты æхсты фæстиуæг фондз адæймаг фæмард, цалдæр та фæцæф

Мардгондты æмæ цæфгондты æхсæн сты барадхъахъæнджыт æдæр. Бабырст Чикагойæ 60 километры дæрцагæй горæт Аврорайы æрцыд.

Компани «Генри Преты» бæстыхайы иуæй иу фембæлдыл компанийы кусæг 45-аздзыд Гери Мартин райдыдта æхсын. Бабырсты рæстæджы дыууæфарсон æхсты бырсæг уыд мардгонд.

Медийы информацийæ Гери Мартин компанийы 15 аз куыста. Аххосаг ныры онг æнæзонгæ у, фæлæ ис информаци цæмæй Мартинæн фæстаг рæстæджы депреси уыд, уымæн æмæ куысты йæхи уæлдайæ хатыд.