Ильхам Алиев – алы бæстæйæн дæр приоритетон хъуамæ уа сыхæгтимæ ахастытæ, уæлдайдæр нæ регионы
Азербайджанæн мидрискъытæ æмæ тас нæй, уый тыххæй дæр æдасдзинад арæнтыл хъуамæ æрфидар кæнæм, уый тыххæй сегасæй хуыздæр фæндаг у сыхæгтимæ прагматон æмæ æргомзæрдæ ахастыты æрфидар кæнын- уый фæдыл Азербайджаны президент, Ильхам Алиев Давосы Дунейы экономикон форумыл сыхæгтимæ ахастыты фарсты дзуаппæн расидтис.
Азербайджаны президент йæ рацыды Гуырдзыстонимæ ахастыты кой дæр ракодта. «Сыхæгтæ гæнæн ис проблемæтæ дæр хæссой æмæ иннæрдæм гæнæн ис æмæ уæлидзинадæй дæр уой – уый æппæт баст у дæ хисæрмагонд политикæ æмæ сæхгтимæ ахастытыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы бæстæйæн сыхæгтимæ ахастытæ приоритетон хъуамæ уой, уæлдай дæр нæ регионы.
Азербайджанæн мидрискъытæ æмæ тас нæй, уый тыххæй дæр æдадсзинадыл аудын кой хъуамæ кæнæм нæ арæнтыл. Уый тыххæй сегасæй хуыздæр фæндаг, дæ сыхæгтимæ прагматон æмæ æргомзæрдæ ахастыты æрфидар кæнын у, кæцы дæ бæстæйы националон интересты æмæ сыхагы националон интересты æмбарынадыл æнцой у» – расидтис Ильхам Алиев.