Илья Дыккаг- Нæ фæсивæд æндæртæй хуыздæр фæлæ æгæр сæрыстыр стæм
Самебайы кафедралон аргъуаны, бæрæгбонон куывды рæстæджы, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг дынамынды рæстæджы фæныхас кодта наркоманийы проблемæйыл æмæ сывæллæтты хъомылады фарстыл.
Уый йæхимæ фæсидтис сывæллæттæм æмæ сæм æрсидтис макуы бавналой наркотикон фæрæзтиæм.
«Абон мæ фæнды дыууæ ныхасæй бавналон сабиты хъомылады фарстмæ, нæ фæсивæд хъуамæ загъдæуа цæмæй æндæртимæ абаргæйæ тынг хорз фæсивæд у, фæлæ нын ис иу хъæн, æгæр сæрыстыр стæм.
Иуæй-иу æвзонг исы наркотиктæ. Сывæллæттæ, ерын сымах лæууыт хуыцауы раз, æмæ хъуамæ дзырд раттат, цæмæй никуы бавналдзыстут наркотиктæм, разы стут? Иумæ зæгъут – разы стæм» – банысан кодта Патриарх.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх ныфс бавæрдта, цæмæй æрынгонтæ ныууадздзысты æвзæр ахуыр цæуыл сты уый.
«Ныфс мæ ис цæмæй нæ фæсивæд ныууадздзæн æвзæр ахуыр цæуыл у уый æппæт, ныфс мæ ис цæмæй рахатдзæн цас тæссаг у наркоманий. Ноджы уæм иу хатт сидын алкæмæ, макуы басгарут наркотиктæ» – банысан кодта Патриарх.