Илья Дыккаг Гуырдзыстоны æмбырдгондæн Европæйы Чемпионаты финалон этапыл хъазыны бар рамбулыны фæдыл арфæ кæны
Хуыцауæй хорзæхджын ут алчидæр æмæ уын уæ бон уæд бæстæйæн стыр цин æрхæссат уæ уæлахиздзинадæй ноджы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны футболы æмбырдгонды Европæйы Чемпионатмæ бахауынмæ гæсгæ, Æгас Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы арфæйы фыстæджы дзырдæуы.
«Гуырдзыстоны футболы националон æмбырдгондæн, сæ тренертæн, Æгас Гуырдзыстонæн æмæ фæсарæнты цæрæг нæ æмбæстонтæн, нæхи æрдгæй дæр арфæ кæнæм зноны уæлахиздзинады фæдыл.
Бирæ азы фæстæ уый уыдис ахæм циндзинад, кæцы йæ зæрдæ барухс кодта æппæт нацийæн.
Банысан кæндзыстæм уый дæр æмæ спорты æндæр хуызты дæр фæстаг рæстæджы бирæ стыр æнтыстытæ уыд.
Хуыцауæй хорзæхджын ут алчидæр æмæ уын уæ бон уæд бæстæйæн стыр цин æрхæссат уæ уæлахиздзинадæй ноджы.
Фыд йæ фырты куыд уарзы ахæм уарзондзинадæй, Илья Дыккаг Æгас Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх», – дзырæдуы Илья Дыккагы арфæйы тексты.
Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд знон Бердзены пенальтиты серийы басаста æмæ Европæйы Чемпионаты балцæг историйы фыццаг хатт рамбылдта.