Илья Дыккаг - Фæсарæнты бирæ гуырдзиаг бады ахæстоны, мах алы амæлттæй хъуамæ бацархайæм, цæмæй кæрон скæнæм ацы æппæрццаг миниуджытæ
Фæсарæнты бирæ гуырдзиаг бады ахæстоны къæрныхдзинадæн кæнæ æндæр фыдракæнды тыххæй, мах алы амæлттæй хъуамæ бацархайæм, цæмæй кæрон скæнæм ацы æппæрццаг миниуджытæ – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илья Дыккаг, диаспорæйы бонмæ нывонд æрвылазон форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Патриарх куыд банысан кодта, афтæмæй, диаспорæйы куыст зæгъгæ, егъау бандавдзæн визон режиммæ. Илья Дыккагы дзырдæй, зæгъгæ визон режиммæ фæрогдæр уыдзæн «кæд гуырдзиæгтæ сæхи æгъдауджындæр дардзысты».
Патриархы домы хицауадæй, гуырдзиæгтæн фыдыбæстæмæ æрцæуын фенцондæр кæна.
«Абон лæууæм нысаниуæгджын фарстайы раз – цавæр хайад хъуамæ исой фæсарæнты цæрæг гуырдзиæгтæ Гуырдзыстоны рæзынады. Хъуамæ загъдæуа, цæмæй сæ куыст иттæг нысаниуæгджын у. Уыдон бирæ аразынц Гуырдзыстоны пайдайæн. Райгонд стæм цæмæй бирæ ахуыргонд, бирæ адæймаг лæггад кæны Гуырдзыстонæн æмæ мæ ныфс ис, цæмæй сæ куыст нысаниуæгджын уыдзæн Гуырдзыстонæн, фæлæ нæй мын бар нæ зæгъон, цæмæй ис æппæрццаг фæсртæ дæр. Бирæ гуырдзиаг абон фæсарæнты бадынц ахæстæтты къæрныхдзинадæн кæнæ æндæр фыдракæнды тыххæй. Мах алцыппæт хъуамæ саразæм цæмæй кæрон скæнæм ацы æппæрццаг фæрстæ.
Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй диаспорæй куыст, тынг бандавдзæн визон режиммæ. Визон режим фенцондæр уыдзæн, кæд нæ гуырдзиæгтæ æгъдауджын уыдзысты фæсарæнты. Ныфс мæ ис афтæ уыдзæн», – райхъусын кодта Патриарх.