Илья Дыккаг- фæнды мæ сæрмагонд хъусдлард раздахон нæ æрыгонты æрдæм, нæ фæсивæд у тынг зондджын, фæлæ саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй Хуыцауы къухтæй ратоной нæ фæсивæд
Фæнды мæ сæрмагонд хъусдард раздахон нæ фæсивæдмæ, тынг зондджын фæсивæд у, фæлæ саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй Хуыцауы къухтæй ратона кæной нæ фæсивæд – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, хуыцаубонон динамынды рæстæджы Самебайы кафедралон аргъуаны райхъусын кодта.
Патриарх Гуырдзыстоны ивгъуыды бонтыл, нырыккон заман æмæ фидæны тыххæй фæныхас кодта.
Илья Дыккаг куыд банысан кодта афтæмæй, фидæны фæсивæд дæнц хъуамæ иса ивгъуыдæй æмæ фылдæлтæй.
«Абон у Мцхетели Эстатейы бæрæгбон, арфæ уын кæнын. Фæнды мæ фæныхас кæнон нæ ивгъуыдыл, нырыккон заманыл æмæ фидæныл. Ивгъуыд хъуамæ уа нæ ахургæнæнæг, хъуамæ сахуыр уæм цы саразæм æмæ цы саразынæй та нæхи куыд бахизæм. Мах фыд рæстæг рацыдыстæм, бирæ хæст, змæстытæ, фæлæ нæ æцæг динæй нæ ахызтыстæм. Хуыцауæн бузныг, цæмæй нæм ацы арфæ нæхимæ ныууагъдта. Фæлæ абон та фæстæмæ зын рæстæджы цæрæм, афон та фæстæмæ у хæццæ-мæццæ, фæлæ мах уымæн хъуамæ бафæразæм.
Фæнды мæ сæрмагонд хъусдард раздахон нæ фæсивæдмæ, тынг зондджын фæсивæд у, фæлæ саузæрдæ тыхтæ архайынц, цæмæй Хуыцауы къухтæй ратона кæной нæ фæсивæд. Ныфс мæ ис цæмæй нæ фæсивæд ацы фыдæвзарæнæн бафæраздзæн.
Мах архайæм æндæр бæстæты дæнц райсын, фæлæ нын нæхимæ ахæм ивгъуыд, ахæм фæлтæрддзинад ис, æмæ æндæртæ хъуамæ исиккой дæнц махæй, нæ фæсивæдæй. Фидæн нæ фæсивæды къухты ис æмæ Хуыцауы руаджы бахъом уыдзысты хуыздæр фидæн саразын.
Мах скувæм Хуыцаумæ, цæмæй нæ адæм йæ базыры бын бакæна. Раттæнт нын тых æмæ сабырдзинад, уый у сегасæй стырдæр лæвар Хуыцауæй.