Илья Дыккаг - цин æмæ æнкъард фаззон æфсымæртау сты, иумæ рацу-бацу кæнынц, арæх вæййы хъынцъымæн йæ фæстæ цин куы фæзыны
Абон у ракимæ тохы æхсæнадæмон бон æмæ Хуыцау зæгъæт цæмæй, адæймагад ацы æбуалгъ тæссаг низ басæттын хъом бауа – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Сионы Мадымайрæмы номыл аргъуаны хуыцаубонон динамынды рæстæджы.
Илья Дыккаг куыд банысан кота афтæмæй, цин æмæ æнкъард фаззон æфсымæртау сты, иумæ рацу-бацу кæнынц, арæх вæййы хъынцъымæн йæ фæдыл циндзинад куы фæзыны.
«Абон у ракимæ тохы æхсæнадæмон бон æмæ Хуыцауæн скувæм, цæмæй нæ хъæбулты ацы æбуалгъ рынæй фервæзын кæна. Хуыцау радзырдта æмбисонд, иу лæгæн уыд дыууæ фырты æмæ йын кæстæр загъта, дада фæнды мæ мулкæй мæм цы хай æмбæлы уый раттай æмæ дæуæй хицæнæй уон, ацыд, ахаста йæ фыд йын цы хай ратта æмæ сæ хъахбайтимæ æмæ æнæгъдау цардыл ахардз кодта, афтæ фæмæгуыр ис æмæ иу комдзаг кæрдзынмæ бæллыдис. Хуыгæсæй куысты æмæ хуыты хойрагмæ дæр иу бæллыд, ацы рæстæджы райдыдта фæсмон кæнын æмæ загъта йæхи нымæры, зæгъгæ ацæудзынæн æам æмæ зæгъдзынæн цæмæй дæ хъæбулы ном хæссын аккаг, фæлæ мæ райс куыд хуымæтæг кусæг афтæ. Йæ хæдзармæ куы фæхæццæ кодта уæд ауыдта йæ фыды æмæ йæ фыдта йын ауыдта йæхи. Уæд йæм йæ фыд разгъордта йæ фырты размæ, ныхъхъæбыс ын кодта, ныххатыр йын кодта уыцы хъыг, æмæ йæ райста зынаргъ фыртау, радта йын дарæс дæр. Ацы æмбисонд у рагзагъд дæр, уый фæдыл цæмæй адæймагад Хуыцауæй йæхи атигъ кæндзæн, фæлæ афтæ фыдбонтæ бавзардзæн, æмæ фæстæмæ раздæхдзæн куыд æнаккаг фырт йæ фыдмæ. Ахæм рæстæджы цæрæм, æмæ маст арæх ныссæнды адæймагы, фæлæ адæймаг ма хъуамæ сафа йæ ныфс, кæддæриддæр хъуамæ йæхи фæдзæхса Хуцауæн» – банысан кодта Патриарх.