Илья Дыккаг,  Чакви-Кобулеты  магистралыл автоаварийы  рæстæджы фæмардывджыты  бинонтæн   тæфæрфæс кæны
Илья Дыккаг, Чакви-Кобулеты магистралыл автоаварийы рæстæджы фæмардывджыты бинонтæн тæфæрфæс кæны

Æппæт Гуырдзыстоны   Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг,  Чакви-Кобулеты  магистралыл автоаварийы  рæстæджы фæмардывджыты  бинонтæн   тæфæрфæс кæны.

«Зæрдæбынæй  уын æмæнкъард кæнæм  æрцæугæ  трагедийы тыххæй.  Скуывдзыстæм Мурманы(Мимо)  Сесили æмæ  Ниайы  удты  тыххæй,   цæмæй  сæ  Хуыцау  дзæнæтмæ  айсæт. Сымах æмæ уæ  хæстæджытæн та раттæнт  тых   æмæ уырнынад  цæмæй   ацы  трагедийæ  цард  нæ фæцис, фæлæ ма  раст уырдгæй  райдайы  æнусон   раст цард,  кæцымæ  мах  алчи нæхи хъуамæ  бацæттæ  кæнæм», –   банысангонд у  Патриархы   мæсæллæйы фыстæджы.

Чакви-Кобулеты   магистралыл  автоавари  14  июлы  æрцыд.  Аварийы фæстиуæгæн   иу  бинонты   æртæ  уæнгы  æрбамард,  сæ нымæцы  æнахъом фаззæттæ дæр.