Илья Дыккаг - Цардвæндагыл бирæ зындзинад амбæлы адæймагыл, ацы рæстæджы йæ бахъæуы æххуыс æмæ арфæ
Цардвæндагыл бирæ зындзинад амбæлы адæймагыл, ацы рæстæджы йæ бахъæуы æххуыс, удон арфæ – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Мцхета-Тбилисы сæйрагепископ, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы митрополит Илья Дыккаг, самебайы кафедралон аргъуаны динамынды рæстæджы загъта.
Илья Дыккагы дзырдæй зæгъгæ, растдæр Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг у ахæм æххуысгæнæг.
«Арфæ уын кæнын Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæгы гуырæн бон. Йæ арфæйæ хорзæхджын ут. КУыд æй зонут афтæмæй, Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæгы ныйарджытæ æнæзæнæг уыдысты. Иуæй-иу хуыцаумæскуывды рæстæджы йæ фыд Закариа куы æххæст кодта скуывд, уымæ фæзындис зæд æмæ йын загхта, цæмæй йын уыдзæн хъæбул æмæ йын ратдзæн ном Иаонн. Закариа æмæ Элисабед уыдыс асджынтæ æмæ сæ нæ бауырныдта цæмæй сын хъæбул райгуырдтаит æмæ уый тыххæй багомыг сты. Æцæгдæр æрцыд диссаг æмæ сын райгуырдис хъæбул, сывæрдтой йыл Иоанн. Ай уыд диссаг, Хуыцауы амынд. Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг амыдта адæм сæ тæригъæддзинæдтыл куыд фæфæсмон кæной уый æмæ зæгъгæ адæймаг кæддæриддæр хъуамæ уа йæ арфæйы бын. Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг адæмы куыд аргъуыдта Иорданы, æд разындис Хуыцау Йесо Чырысти æмæ Иоанн пехуымпариуæг скодта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн». Скувæм Хуыцаумæ цæмæй Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг уæт не æххуысгæнæг. Нæ ацы цæрдвæндаг хъæддыхæй ацæуын куыд бафæразæм уый хъом нæ скæнæнт. Цардвæндаг æнцон нæу. Бирæ зындзинад рацæуы адæймагæн йæ размæ цардвæндагыл æмæ ацы рæстæджы йæ хъæуы æххуыс æмæ арфæ. Сыгъдæг Иоанн Рухсæфтауæг у ахæм æххуысгæнæг. Йæ хорзæх уæ уæнт сымах æмæ Æппæт Гуырдзыстонæн»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх.