Илья Дыккаг баздæхт Франк-Вальтер Штайнмайермæ - ахæм фæндаг рацыдыстут дипломативон куысты, æмæ уын нæ фæзын уыдзæн оккупацийы проблемæйы хъуыддаг бынатæй фезмæлын кæнын [фото]
Паддзахадон визиты фæлгæтты Германийы президент Франк-Вальтер Штайнмайер Æппæт гуырдзыстоны Каталикос-Патриархимæ Илья Дыккагимæ фембæлд.
Райгонд дæн, стыр кад мын у уемæ базонгæ – афтæ баздæхт Æппæт гуырдзыстон Каталикос Патриархмæ Германийы президент Франк-Вальтер Штайнмайер.
Илья Дыккаг уазæгæн раарфæ кодта цæй фæстæ дæр Германийы президентмæ баздæхт.
«Зæрдиагæй уын арфæ кæнын сымахæн, уæ бинойнагæн, уемæ уæвæг уæнгтæн, Гуырдзыстоны аргъуаны номæй æмæ сæрмагондæй мæхицæй. Уæ визит иттæг нысаниуæгджын у æмæ нæ адæм стыр ныфсæй кæсы уæ визитмæ.
Зонут æй проблемæтæ бирæ ис æппæт Дунейы æмæ уый нымæцы Гуырдзыстоны дæр. Хъуыды кæнæм, цæмæй сеппæтæй стыр æмæ риссаг проблемæ у территорион æнæхъæндзинады проблемæ. 20 процент раскъуыдта æндæр бæстæ, фæлæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй Уæрæсейæн дæр тынг вазыгджын у ацы проблемæ. Алцыппæт хъуамæ сырæза цæмæй фæнысангонд проблемæ аскуыддзаг уа. Хъуыды кæнæм цæмæй Германимæ ис уый тых æмæ авторитет, цæмæй активон хайад иса ацы процессыю Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æфсæддон базæтæ ист хъуамæ æрцæуой ацы территоритæй. Сымах ахæм фæндаг рацыдыстут дипломативон куысты, æмæ уын нæ фæзын уыдзæн хъуыддаг фезмæлын кæнын. Ноджы уын иу хатт арфæгæнæг дæн æмæ стыр ныфсæй кæсын уæ визитмæ» баздæхт Илья Дыккаг Франк-Вальтер Штайнмайермæ.