Илья Дыккаг - æвзæр фæзындтæ тынг кæнынц нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды бафæдзæхсон уæ, арæхстгай ут æмæ ма фæрæдийут
Æвзæр фæзындтæ айтынг сты нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды зæгъон уын, цæмæй тынг арæхстгай ут æмæ ма фæрæдийут – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Смаебайы кафеддралон аргъуаны, хуыцаубонон динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
«Мах цæрæм тынг вазыгджын дуджы, æвзæр фæзындтæ тынг кæнынц нæ алыварс, уый тыххæй мæ фæнды бафæдзæхсон уæ, арæхстгай ут æмæ мА фæрæдийут. Ныфс мæ ис Хуыцау нын сабырдзинад ратдзæн. Зонут цæмæй Гуырдзыстон, Мадымайрæмы аудындзинады хайджын бæстæ у, сæрмагондæй ауды гуырдзыстоны» – банысан кодта ИИлья Дыккаг.
Уыйимæ иумæ, Патриархы дзырдæй, бардарæг Калистраты абон, Баграты аргъуаны бавæрдзысты.
«Цардæй ахицæн ис бардарæг Калистрат. АБон йæ мардæвæрæн Кутаисы Баграты аргъуаны ацæудзæн, Хуыцаумæ скувæм цæмæй йæ райса» – райхъусын кодта Патриарх.
Илья Дыккаг куыд райхъусын кодта афтæмæй, Петр-Павлы комдарæны периоды, æртыццæг æмæ майрæмбонæй уæлдай, кæсагæй уæгъд уыдзæн.
«Сом райдайы Петр-Павлы комдарæн. Ацы комдарæны рæстæджы, каæсаг хæрæн нæй æртыццæг æмæ майрæмбон, иннæ бонты уæм ис бар æмæ арфæ кæсаг райсынæн» – бацамыдта Патриарх.