Илья Дыккаг - Æппæт адæймагад фæллад у, фæлæ Хуыцау арфæ ацы фæлладй бирæ тыхджындæр у
Фæлладæй ма фæтæрсут, Хуыцау адæймагадæн фыдæвзарæн рарвиты, фæлæ йæм цин æмæ тых дæр дæтты – уый фæдыл Æппæт гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, хуыцаубонон динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Патриарх псалом «Бафæлладтæн, Фæзын мæм Дунесфæлдисæг»-ы истори ырмысыд.
«Кад Хуыцауæн. Ферох нæ иу вæййы Хуыцаумæ скувын. Фæлæ куы кувæм, уæд сæрыфыццагæй, Хуыцауæй курæг фæвæййæм нæ фыдæвзарæны тыххæй æмæ иу бузныг зæгъын та нæ ферох вæййы. Фæнды мæ абон æрымысон иу скуывд кæцыйы тынг бауарзтам – бафæлладтæн, бафæлладтæн æмæ мæм фæзын Дуне сфæлдисæг. Ацы куывд сæвзæрдис Сыгъдæг Николайы аргъуаны, Сыгъдæг Николайы аргъуан библиотекæ куы уыдис уæд. Мах иу Николозобайы бæрæгбон, изæры цыдыстæм уырдæм, цæвиттон чингуытæ кæсынмæ, æцæгæй та Хуыцаумæскуывд æххæст кодтам æмæ ацы скуывды рæстæджы, цæвиттон мын хуыцау загъдта – «Бафæлладтæн, Бафæлладтæн, Фæзын мæм Дунесвæлдисæг» æмæ уый фæстæ иу кувæм афтæ. Æппæт адæймагад фæллад у, фæлæ Хуыцауы арфæ бирæ тыхджындæр у ацы фæлладæй. Хуыцауæй арфæ ут, Фæлладæй ма фæтæрсут, Хуыцау адæймагадæн фыдæвзарæн рарвиты, фæлæ йæм цин æмæ тых дæр дæтты. Арфæ ут Æпттæ Гуырдзыстон æмæ Дуне» – банысан кодта Патриарх.