Илья Дыккаг - адæймæгтæ, кæцытæ искæмæ сахъат агурæг фæвæййынц, æцæгæй та сæхи мидæг хъуамæ ссарой сахъат æмæ раст кæнын адæймаг йæхицæй хъуамæ райдайа
Адæймæгтæ, кæцытæ æндæрты сахъатты гурæг сты, æцæгæй, сæхи мидæг хъуамæ рацаргурой æмæ йæхицæй хъуамæ райдайа адæймаг раст кæнын – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг Самебайы кафедралон аргъуаны динамынды рæстæджы райхъусын кодта.
Самебайы аргъуаны Петр æмæ Павлы бæрæгбойнон литургийы фæуды фæстæ Каталикос Патриарх аргъуанмæ цæуджытæм баздæхт æмæ сын бæрæгбон раарфæ кодта.
«Апостолтæ аскуыддзаг кодтой, цæмæй сæ бæрæгбон иумæ уа. Алы адæймаг бæрæг миссийæ æрцæуы а бæстæмæ. Æз кæддæрты иу истори бакастæн, иу бинонты истори, ус лæгъстæ кодта йæ лæгæн, зæгъгæ дам мæ фæнды дæумæ хæстæгдæр уайин, фæнды мæ æмзæрдæ уон демæ æмæ дам мын ныффыс цы аипп мæм ис уый тыххæй æмæ дам æй рараст кæнон. Æхсæв-бонмæ лæг хъуыды кодта цы ныффыстаит уый тыххæй æмæ сæумæрайсом йæ усæн дзуры, ницы сахъат дæм ссардтон, ахæмæй дæ уарзын. Фæнды мæ алкæмæн уын бацамонон, цæмæй уарзут кæрæдзийы, бинонты æмæ хъæбулты. Уый стыр хорзæх у æмæ стыр тых у. Ис дзы адæймæгтæ, кæцытæ искæмæ сахъат агурæг фæвæййынц, æцæгæй та сæхи мидæг хъуамæ ссарой сахъат æмæ раст кæнын адæймаг йæхицæй хъуамæ райдайа» – банысан кодта Патриарх.