Илиа Гъудушаури – 2024 азæй, хроникон низтæн хосгæнæн медикаментты паддзахад æххæстæй сфинанс кæндзæн
Алы уыцы адæймагæн, кæмæндæриддæр паддзахад, хроникон низтæн хоскæнынæн мед каменты бæрæг лимиттæ финанс кæны, 2024 азæй æххæстæй æнæхъæн азы къурс сфинанс кæндзæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый нæ политикæйы иуæй-иу уæлахиздзинад у – райхъусын кодта æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Илиа Гъудушаури. Информаци хъусын кæны æнæнизхъахъхъæды министрад.
Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, программæйы ауæрæхы фадат, уыцы реформæты фæстиуæгæн ссис гæнæн, кæцыйы æнæнизхъахъъхæды министрад, медикаментты рæувадатдзинад райрæзын кæныны нысанæн, фæстаг дыууæ азы дæргъы, активонæй æххæст кæны. Сæ нымæцы ис туркаг базары байгом æмæ хостыл нысангонд референтон æргътæ.
«Референтон политикæйæ æмæ туркаг базары байгомæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмтгæй райсгæйæ 300-400 милуан ларийы бæрц экономи сарызтой. Афæдзон цæстæнгасæй куы зæгъæм, уæд бæрæг медикаменттыл æргътæ 80%-æй дæр фæкъаддæр сты. Фæлæ куыд æнхъæлдтам афтæмæй, астæуккагæй 40%-æй фæасламдæр сты, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæстыр æнтыст у» – райхъусын кодта Илиа Гъудушаури.