Илиа Дарчиашвили – Вильнюсы  саммитыл ноджы  иу  хатт бахахх ис, цæмæй  Гуырдзыстонæн ис  фидар æххуыс  НАТО-йаг партнертæй
Илиа Дарчиашвили – Вильнюсы саммитыл ноджы иу хатт бахахх ис, цæмæй Гуырдзыстонæн ис фидар æххуыс НАТО-йаг партнертæй

Абон Вильнюсы  саммитыл   ноджы иу  хатт бахахх ис, цæмæй   Гуырдзыстонæн  фидар  фарсæхцын ис  НАТО-йаг партнертæй, иттæг  фидар фарсхæцын  у   æвдыст   нæ территорион æнæхъæндзинады  æмæ суверенитеты  æрдæм,  бæрзонд æмвæзадыл  ис  аргълæвæрд   Гуырдзыстоны  тыхархайдæн   йæ  нысаниуæнджын хайбавæрд скæна   глобалон  æдасдзинад сфидар кæныны  хъуыддаджы-  уый фæдыл   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Илиа Дарчиашвили, Вильнюсы  НАТО-ы  саммитыл  ист  коммюникæйыл ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  Гуырдзыстонæн ис  динамикон,  дыууæфарсон   æмгуыстады  бонвæтк НАТО-имæ æмæ уый  фидæны дæр адарддæр уыдзæн.

«Уыдис нын   фарон    тынг  аргъджын  æмæ  фæстиуæгыл  ориентацигонд  Мадриды   саммиты æмæ  ацы нырид Вильнюсы  нын ис  фидар  дарсдарын нæ  партнертæй, Вильнюсы саммит иунысанонæй  уыдзæн   фидар импульс НАТО-Гуырдзыстоны  дыууæфарсон ахасттыты  фæндагыл» –  райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ абон НАТО-йы  саммиты фæлгæтты  сæйраг акцент   уыдис Украинайыл, бæстæ, кæцы ис  хæтсон уавæры, лæууы  егъау   æртхъирæны раз æдадсзинады æрдгæй.

«Сæйраг æрвитæггаг   партнертæ раттой  Украинайæн, уымæн æмæ   абон Украинайæн  фарсдарын у  иуæй-иу сæйраг   фарста  партнертæн.   Альянс  сбæлвырд кодта  цæмæй  Украинайæн ис иттæг  фидар фарсдарын    партнертæй  æмæ ацы æххуыс  фидæны дæр адарддæр уыдзæн. Ныффыст та  коммюникæйы  дæр иунысанонæй æвдисы уый, цæмæй партнертæ  сæрмагонд  тыхархайд кæнынц   уый тыххæй, цæмæй Украинайæн уа  сæ фарсдарын» –  банысан кодта  Дарчиашвили.

НАТО-ы Вильнюсы саммиты  фыццаг  боны фæстæ   коммюникæ   уыд публикацигонд.  Коммю.никæйы   дзырдæуы: «Бæлвырдк æнæм 2008 азы  Бухаресты  саммитыл   ист   уынаффæ, ома Гуырдзыстон  суыдзæн   альянсы уæнг æмæ уæнгдзинады план  у процессы æнæдихаг  хай.  Евроатлантикон тырнынады  размæцыдæн Гуырдзыстонæн  хъуамæ  уа  прогресс  реформæты, сæ нымæцы  бындурон демократон   реформæты æмæ  афдзæон   националон программæйæ максималонæй спайда кæна.