Илиа Дарчиашвили – уырнæг дæн Бельги уыдзæн иуæй-иу бæстæ, кæцы тынг хъæрæй æмæ фидар рахæцдзæн йæ фарс нæ европаг интеграцийæн
Абон Гуырдзыстонмæ официалон визитæй æрцыд Бельгийы Иугонд Паддзахады фæсарæн, европаг хъуыддæгты æмæ культурæйы министр, кæцыимæ нын уыд тынг цымидисон дыууæфарсон фембæлд. Фæныхас кодтам алы уыцы приортеттыл, кæцытæ дыууæ бæстæйæ сбæрæг кодтам æмæ нырил цыппæрæм фембæлд у фæстаг периоды, – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили.
Министры дзырдæй, зæгъгæ Бельгийаг коллегæимæ афæлгæстой дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг ахастытæ.
«Махæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй иннæ азæй, Евроцæдисы Советы сæрдар бæстæ уыдзæн Бельги, кæцы афтæдæр стыр роль сæххæст кæндзæн Евроцæдисы ауæрæхы æрдгæй арызт къахдзæфтыл. Ацы æрдгæй дæр фæныхас кодтам ома куыд бафæразæм Бельгийы паддзахады мобилизаци скæнын, цæмæй Гуырдзыстонæн йæ фарс рахæца Евроинтеграцийы æрдгæй. Афтæма, иуæй-иу приоритетон фарста цæуылдæр фæныхас кодтам, у дыууæфарсон базарад, экономикон æмгуыстад æмæ уыцы сектортæ, кæцытæ нын ис дыууæ бæстæйы æхсæн. Цæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарстатыл нын уыд ныхас. Мæ хъуыдымæ гæсгæ тынг цымидисон рауад визит», – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.