Илиа Дарчиашвили – тæфæрфæс кæнын туркаг хæлæрттæн, зæххæнкъуысты фæстиуæгæн чи базиан ис уыдонæн та тагъд куыд сдзæбæх уой уыцы арфæтæ зæгъы мæ зæрдæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Турчы æрцæугæ зæххæнкъуысты тыххæй йæ хъыгтæ радзырдта æмæ туркаг адæмæн тæфæрфæс кæны.
Дарчиашвили социалон хызаг «Твиттеры» куыд фыссы афтæмæй, зæххæкъуысты фæстиуæгæн цæфтæн тагъ сдзæбæх уыны фæдыл арфæтæ æрвиты.
«Пырхгæнæн зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Турчы горæт Караманмаршы хъусинаг шокуы æфтауæг у. Фæнды мæ тæфæрфæс ракæнын туркаг хæлæрттæн æмæ тагъд куы сæнæниз уа цæфтæ чи райста уыдонæн, уыцы арфæтæ зæгъын», – фыссы Илиа Дарчиашвили.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн 76 адæймаг амард, æрмæст 440 та фæцæф сты. Стихий бæстæйы хуссар-хурныгуылæны уæвæг дæсæй фылдæр горæтæн стыр зиан æрхаста. Бынатыл мобилизацигонд сты ирвæзынгæнджытæ, барадхъахъъхæнджытæ æмæ æфсад.