Илиа Дарчиашвили – Роберта Меццола æцæгдæр нæ бæстæйы сæрхъызой у, уымæй  райстам фарсхæцын европаг  фидæны æрдæм
Илиа Дарчиашвили – Роберта Меццола æцæгдæр нæ бæстæйы сæрхъызой у, уымæй райстам фарсхæцын европаг фидæны æрдæм

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилийы  фидиуæнæй,  дарддæр кæны премьер-министры  дыууæфарсон   бæрзонд æмвæзады  фембæлдтæ   Евроцæдисы æмбæлгæйæ бæрзонд  æмвæзады официалон уæнгтимæ.

Дарчиашвилийы дзырдæй, европарламенты президентимæ  абон  тынг  цымидисон   фембæлд ацыд.

«Роберта Меццола æцæгдæр у нæ  бæстæйы  сæрхъызой. Уымæн æмæ премьер-министрæн  уыдис  тынг  цымидисон  диалог.  Дзырд уыдис   Гуырдзыстоны европаг  фидæныл, уыцы иттæг нысаниуæгджын  фæстиуæгыл, кæцы нæ  бæстæ райста Европаг Советы  уынаффæйæ   фарон   декабры. Уымæ æмбæлгæйæ  дæр, традиционæй, Гуырдзыстоны  æрдæм цытджын президент  баинтерес ис, цахæм у  дарддæр процесс, куыд дарддæр кæнæм  евроинтегграцийы   æрдæм  къахдзæфтæ саразын.   Бæрæг у, ныхас уыдис  уый фæдыл дæо, цы æстыр  тыхархайд ракодта  иу æрдгæй  Гуырдзыстоны  хицауад æмæ куыд  план кæны премьер министр дæр фидæны  конкретон  къахдзæфтæ саразын. Не рдгæй сæйраг æрвитæггаг уыд, цæмæй  Гуырдзыстон  дарддæр кæны ацы  иттæг нысаниуæгджын   процесс  бæстæйы  кæронбæтæн уæнгдзинадыл.  Уыдис  тынг  цымидисон, хæларон фембæлд æмæ  ноджы иу  хатт  райстам фидар фарсхæцынс президентæй Гуырдзыстоны  европаг  фидæны æрдæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы фембæлд  уыдис тынг фæстиуæгжын æмæ  иурæстæгонæй  нысаниуæгыджн» – райхъусын кодта   Илиа Дарчиашвили.