Илиа Дарчиашвили фембæлдис Малайзийы парламенты уæллаг палатæйы вице-президентимæ
Илиа Дарчиашвили фембæлдис Малайзийы парламенты уæллаг палатæйы вице-президентимæ

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  фембæлдис  Малайзийы   парламенты уæллаг   палатæйы (Сенаты)  вице-президент, датъукъ  Нур Джазлан бин Тар Сри Мохамедимæ   делегациимæ иумæ.

Æддагполитикон уагдоны  пресскуысты  хъусинагæй,  фарсытæ  æркастысты   дыууæ бæстæйы æхсæн   уæвæг   ахастыты  актуалон  фарстатæ æм фæуынаффæ кодтой  æмгуыстады  фидæнон  приоритетон  æрдæмадтыл.  Сæрмагонд хъусдард  здæхт уыдис экономикйы,  базарады, туризмы, ахуырады æмæ адæмты æхсæн контактты  сферæты  æмгуыстад фæарфдæры перспективæтæм.

«Фембæлдыл  бахахх ис   бæстæты æхсæн   политикон   диалогы   адарддæры   нысаниуæг  æмæ Малайзиимæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  визон режимы  дарддæр либерализацийы  гæнæндззинад», –  дзырдæуы  æддагполитикон уагдоны информацийы.

Афтæма сæ хъусинагæй, Илиа Дарчиашвили   бузныг загъта   Малайзийаг   фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны тыххæй  æхсæнадæмонæй нымад арæнты.