Илиа Дарчиашвили – фæнды мæ, басабыр кæнын нæ æмбæстæгты, визалиберализацийы æрдгæй Гуырдзыстонæн ницы куылымпыдзинад нæ уыдзæн
Фæнды мæ нæ æмбæстæгты басабыр кæнын, ницы куылымпыдзинад Гуырдзыстонн визалиберализацийы æрдгæй нæ уыдзæн, Гуырдзыстонмæ ацы æрдгæй ницы рискъ æртхъирæн кæны – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгхгæ Гуырдзыстоны Европаг интеграци у æнæфæзилгæ процесс.
«Хъыгагæн ахæм типы резолюцитæ фæстаг периоды дæргъы кæддæриддæр уыдысты политиконæй ангажиргонд, мортивиргонд, кæцыйы сæйраг нысан у, разнаггад кæна нæ бæстæйы репутацийæн, нæ бæстæйы европаг фæндагæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймæгтæ, кæцытæ ахæм типы резолюциты сфæлдисджытæ сты, бар-нæбарæй лæггад кæнынц нæ бæстæйæн знаггаддзинадæн. Нæ бæстæйы европаг фидæнæн, европаг интеграцийы ницы фæкуылмпы кæндзæн æмæ мæ фæнды басабыр кæнон нæ æмбæстгты, ницы куылмпыдзинад нæ уыдзæн визалиберализацийы æрдгæй. Ис нын конкретон хыгъдлæвæрдтæ æрвылазонæй, кæцы æрцæттæ вæййы нæ хæсистытæм гæсгæйæ. Гуырдзыстон тынг æнтыстджыæй æххæст кæны уыцы хæсистытæ, кæцытæ йæм ис Европаг партнерты раз. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, нæ æмбæстæгтæн мæ фæнды зæгъын, цæмæй Гуырдзыстонмæ ацы æрдгæй ницы рискъ æртхъирæн кæны. Ацы фидиуæнтæ дæр сты политиконæй ангажиргонд уый тыххæй, цæмæй разнаггад кæной нæ бæстæйæн æмæ ууыл чи дзуры, æнхъæл дæн ацы адæм нæ лæггад кæнынц Гуырдзыстоны Европаг интерестæн, Гуырдзыстоны европаг фидæнæн» – загъта æдИлиа Дарчиашвили.
Европарламент абон райста резолюци, кæцы Саакашвилийы ссæрибар кæнын, Иванишвилийæн санкцитæ сфидар кæнын, лгбит пропагандæй ныхмæ ивды æмæ æргомдзинады закъонопроекты фæстæмæ асидын дары йæ хъуыдыйы.
Резолюцийы тексты афтæдæр ис ныффыст визалиберализацийы темæйыл – «Европарламент сиды Еврокомиссимæ, афоныл аргъ скæнæд Гуырдзыстоны плангонд « фæсарæйнаг агенты» закъоны æндæвдадæн Гуырдзыстоны æрдгæй визалиберализацийы критериты æнæаскъуынгæйæ сыххæстыл, сæрмагондæй та, фундаментон барты бæрæггæнæныл, кæцы Евроцæдисы визалиберализацийы политикæйы нысаниуæгджын компонент у».