Илиа Дарчиашвили – бузныг Румынийы парламентæн Гуырдзыстоны Европаг перспективæйы фæды резолюци райсты тыххæй, мах бæрзонд аргъ кæнæм фарсдарынæн ахæм скуыддзаггæнæг моменты
Румынийы парламент депутатты палатæйы æмæ Сенаты иугонд рабадтыл сфидар кодта «резолюци Молдовæйы Республикæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн Балканты» европаг перспективæйы фæдыл.
Фæнысангонды кой, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили кæны социалон хызагы.
«Стыр Бузныг Румынийы парламентæн Гуырдзыстоны европаг перспективæйы фæдыл резолюцийы райсыны тыххæй. Мах бæрзонд аргъ кæнæм уæ фарсдарынæн нæ бæстæмæ, сæрмагондæй та Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл ахæм скуыддзаггæнæг моменты» – фыссы Дарчиашвили «Х»-ы сæрмагонд фарсыл.
Румынийы парламент сфидар кодта резолюци Молдовæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн Балканты европаг перспективæйы фæдыл.