Илиа Дарчиашвили бавдыста Евроцæдисы рекомендациты сыххæсты архайадон план, кæцы Еврокомиссимæ уыд æрвыст
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили æмбæстæгтæн ноджы иу хатт раарфæ кодта бæстæ Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус кæй райста уый фæдыл æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдызстоны хицауад адарддæр кæндзæн тыхархайд евроинтеграцийы фæндагыл кæронбæттæн нысаны тыххæй.
Уыимæ Дарчиашвили медиайы æмæ æхсæнадæн базонын кодта Евроцæдисы рекомендациты сыххæсты архайадон план, кæцы Еврокомиссимæ нырид æрвыст у. Афтæма йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, рекомендациты сыххæстыл бæрнон у Гуырдзыстоны хицауад æмæ парламент.
Министры фидиуæнæй, фыццаг рекомендаци уыд Евроцæдисы æмæ йæ аргъдзинæдты ныхмæ дезинформациимæ тох кæнын. Ацы æрдгæй Дарчиашвилийы дзырдæй, хицауад ныридæгæн сфидар кодта 2024-2027 азты коммуникацион стратеги, кæцыйы фыст ис активондзинæдтæ, кæцыты Гуырдзыстоны хицауад сыххæст кæндзæн дезинформациимæ тохы æрдгæй.
«Фæдылдзог рекомендаци у Евроцæдисы иугонд, фæсарæн æмæ æдасдзинады политикæимæ Гуырдзыстоны æрыввахсы фæхуыздæр. Ацы фарстайыл æнæиу хатт уын базонын кодтам нæ цæстæнгас. Нырид кусæм Еврокомиссиимæ, практиконæй нырид 50%-мæ ахæццæ ис евроцæдисы æддаг политикæмæ, куырдиæттæм Гуыдзыстоны баиу кæнын. Фидæны адарддæр уыдзæн æмæ уырнæг стæм, цæмæй нын уыдзæн ноджы фылдæр хуыздæр фæстиуджытæ, уый у нæ дæргъвæтин хæсист. Гуырдзыстон æмбынатин у Евроцæдисы æддагон политикæимæ, фæлæ ис сенситивон фарстатæ, кæцытæ нæ æддагон политикон призмæйæ зынынц, нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты æрдæм хæссы рискытæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы конкретон моментæй рацæугæйæ, хатт нын уыдис нæ позици, кæцы хъауджы уыд. Фæлæ абон нырид, афæдзы кæрон нæ бон у зæгъæм, цæмæй 50 процентимæ сæмбæр ис Гуырдзыстоны иугæндтæ уыцы фидиуæнтимæ, кæцыты хæлиу кæны Евроцæдис. Мах фидæны ацы æрдæм нын уыдзæн конкретон, ноджы фылдæр, хуыздæр фæстиуджытæ», – райхъусын кодта Дарчиашвили.
Рекомендацийы политикон поляризацийыл фæтыхуынæн, министры дзырдæй, хицауад алы къахдзæф сараздзæн инклюзивондзинад сифторынг кæнынæн.