Идлибы уæвæг уавæры тыххæй Евроцæдисы фыццаг дипломаттæ сæрмагонд фембæлдыл фæуынаффæ кæндзысты
Сирийы, Идлибы провинцийы уæвæг уавæрмæ гæсгæ, æввахс фидæны Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты уæлрадон фембæлд ацæудзæн. Æмбæлон куырдиат æддаг политикæйы æмæ æдадсзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Джозеп Борелли сарызта.
«Идлибы цæугæ быцæудзинæдтæ, серъозон тас хæссы æппæт Дунейы сабырад æмæ æдасдзинадæн», – райхъусын кодта дипломат.
Ахæлиугонд информацийæ, уæлрадон фембæлдыл фæсарæн хъуыддæгты министртæ, конфликты сабырадон фæндагæй срегулир кæныны фадæттæ бацагуырдимæ иумæ, регионы уæвæг гуманитарон катастрофæйыл дæр фæуынаффæ кæндзысты.