Иаго Хвичиа – уыцы бæстæты нымæцмæ бахаудзыстæм, кæцы æцæгæй ацы закъонæй америкæгты ныхмæ хæцынц æмæ дзурынц цæмæй тох кæнынц Баиа Патараиайы ныхмæ
Уыцы бæстæты нымæцмæ бахаудзыстæм, кæцытæ æцæгæй ацы закъонæй тох кæны америкæгты ныхмæ æмæ дзуры,ц æмæй Баиа Патараиайы ныхмæ хæцы. Америкæгтæ ацы бæстæйы раз ницы разнаггад кодтой, цæмæй Тбилисæй Вашингтоны ныхмæ тох кæнæм – уый фæдыл «Гирчийы» иуæй-иу лидер, Иаго Хвичиа райхъусын кодта.
«Æцæгæй ацы закъон у антиамерикаг. Гуырдзыстоны историйы прецедент цæмæн нæй афтæ, æргомæй æмæ къæйныхæй æфхæрæм америкæгты æмæ архайæм цæмæй Гуырдзыстоны сæ финансты змæлд арæн скæнæм, кæцы ныры онг æнæагайгæ уыд. Мæнмæ гæсгæ гуырдзиаг адæм хъуамæ аскуыддзаг кæнæм, фæнды нæ æви нæ суæм антиамерикаг бæстæ, уымæн æмæ ацы закъон кæм райстой уым америкæгты ныхмæ хæцынæн райстой. Америкæгтæ сæхæдæг ацы закъон райстой 1938 азы нечмæцæгты ныхмæ. Уымæ гæсгæ дæр, ма ныр ацы закъонæй уыцы бæстæты нымæцмæ бааудзыстæм, кæцытæ æцæгæй ацы закъонæй хæцынц америкæгты ныхмæ æмæ дзургæ та кæнынц цæмæй Баиа Патараиайы ныхмæ хæцынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, америкæгтæ ацы бæстæйæн ницы разнаггад кодтой, цæмæй мах Тбилисæй Вашингтоны ныхмæ хæцæм. Уый у рæдыд гуырдзиаг адæмы, нæ фидæны æмæ нæ партнерты раз» – райхъусын кодта Иаго Хвичиа.