Каха Кучъава  оппозицион  фракциты минæвæрттимæ æмбæлы
Каха Кучъава оппозицион фракциты минæвæрттимæ æмбæлы

Парламенты сæрдар Каха Кучъава  оппозицион  фракциты  минæвæрттимæ  æмбæлы.

Фембæлдыл  сты Хатиа Деканоидзе, Бадзри Джапаридзе, Иаго Хвичиа, Алеко Элисашвили, Теона  Акубардиа, Придон  Инджиа.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Иаго Хвичиа  куы фехъусын кодта афтæмæй,   фембæлдыл  зæгъгæ дискусси уыдзæн  Евроцæдисы тырыса  æрисыны  фарстайыл.

«Ацы  цауы  разы нæ дæн  тырыса æрисыны тыххæй адæмы æфхæрдмæ раттыны фарстаимæ.  Нæй гæнæн, хъуымац аскъуыныны тыххæй   сæ æрцахсой. Символты тыххæй адæймæгты  ахæстоны  бадын кæнын  гæнæн нæй.  Адæймаджы сæрибардзинад  бирæ нысаниуæгджын дæр  у  цыфæнды  символæй», – райхъусын кодта Хвичиа.