Гуырдзыстоны уæлхох цæрæн пунктыты ранымад æмæ Хохы закъонæй уагæвæрд уæлбартæй пайдагæнджыты нымæц, гæнæн ис фæфылдæр уа
Гуырдзыстоны уæлхох цæрæн рæтты ранымад æмæ бенефициарты нымæц, кæцытæм æххæссы «уæлхох регионты» фæдыл закъон, гæнæн ис райрæза. ФÆнысангонд фарстайыл уынаффæ кæнынц Уæлхох регионты райтынгы националон советыл, кæцы ацыд Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы сæрдариуæгæй.
Премьер-министры пресс-куысты хъусинагæй, хицауады сæргълæууæгы барамындæй сырæздзæн кусæг къорд, кæцы ногæй æркæсдзæн уæлхох цæрæн раны статус раттыны критеритæ. Афтæма, арглæвæрд æрцæудзæн, «Уæлхох регионты фæдыл закъонæй» райст пайдайæн, æмæ ма бакусдзысты фæдылдзог архæйдтыты план, уый нымæцы фæнысангонд закъоны æндæвдады ареал ауæрæх кæнынмæ гæсгæ.
Премьер-министры фидиуæнмæ гæсгæйæ, хицауады приоритет у, максималонæй баахъаз кæнын уæлхох хъæуты цæрджытæ, афтæма цæрджыты фæстæмæ æрыздæхын кæцы у сегасæй сæйраг нысан ацы закъонæн.
Закъоны скусын кæныны бонæй, уæлхох хъæуы статус лæвæрд æрцыд 1730 цæрæн пунктæн, кæцыты цæрынц 243 000 цæрæгы, кæцытæ пайда кæнынц закъонæй бæрæг уæлбартæй.
Премьер-министры пресс-куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, 2017 азы дæргъы, уæлхох цæрæн пунктыты цæрджытæм лæвæрд æрцыд 66 милуан лари финансон æххуыс, æмæ бамхасæнтæ, сæ цæрæн уавæрты фæхуыздæр кæнын æмæ хохы цæрджыты нымæц ма фæхъуаг кæныны нысанæй.