Гуырдзыстоны сом температурæ гæнæн ис 42 градусмæ ахæццæ уа, 8 сусæнæй та абаргæйæ тæвд фæныллæг дæр уыдзæн
Æрдзы националон агентады информацийæ, 7 сусæны хурныгуылæн Гуырдзыстоны тæрф районты уæлдæфы максималон температурæ гæнæн си 40-42, уæлхох рæтты та 35, 37, æрмæст Сау денджызы донбыл хаххыл 33, 35 градусмæ ысхиза.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны 7-8 сусæны уæлдæфы максималон температурæ тæрфы 34, 39, уæлхох районты 29, 34 градусы фæлгæтты у æнхъæлмæ кæсинаг.
Синоптиктæ цæрджыты фæдзæхсынц, цæмæй уæлдæфы максималон температурæ ахъазаг у хъæды зынгсирвæзытæн.
8 сусæны бны дыккаг æрдæджы 11 сусæны онг, Гуырдзыстоны территорийыл абаргæйæ уазалгомау уæлдæфы массæтæ ахæлиу уыдзысты, рæстæгæй рæстæгмæ уардзæн, ранæй-рæтты тыхджын, гæнæн ис арвнæрд æмæ ихуардимæ, дымгæ фæтыхджындæр уыдзæн æмæ денджызыл уыдзæн 2-3 баллы шторм.