Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан абон бæрæгбон кæны 12 апостолы номарæн бон.
Гуырдзыстоны Патриархийы информацийæ, Светицховелийы сыгъдæг аргъуан 12 апостолы номыл арызт у æмæ уый тыххæй дæр 13 июлы бæрæгбоны Светицховлобайæ дæр схонынц.
Афтæдæр Патриархийы хъусинагæй, 13 июлы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг динархайджытимæ æмæ аргъуанархайджытимæ иумæ Хуыцаумæ скуывд сæххæст кæндзæн Светицховелийы аргъуаны. Литурги 10:00 сахатыл райдайдзæн.
«Кæй фæнды алкæмæн уæгъд уыдзæн бацæуæн æмæ бæрæгбоны хайад райсын
Светицховелийы æрдæм, æнæфидгæ автобустæ цæудзæн Гуырдзыстоны Патриархийы цур территорийæ сæумæрайсомы 08:30 сахатыл» – дзырдæуы Патриархийы информацийы.