Гуырдзыстоны премьер-министр пысылмон  æмбæстæгтæн Рамаданы мæйы æрлæуд арфæ кæны
Гуырдзыстоны премьер-министр пысылмон æмбæстæгтæн Рамаданы мæйы æрлæуд арфæ кæны

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   пысылмон  æмбæстæгтæн Рамаданы мæйы æрлæуд арфæ кæны.

«Гуырдзыстоны пысылмон æмбæстæгтæн  иууылдæр   зæрдиагæй арфйæ кæнын Рамаданы мæйы æрлæуд  æмæ йæ  аккагæй, уырнгæйæ  æмæ быхсгæйæ  арвитыны фæразондзинад уын зæгъы мæ  зæрдæ.

Тынг аргъ кæнын  уе стыр  хайбавæрдæн  нæ иумæйаг фыдыбæстæйы  æхсæнадон цардуагы, йæ фидæны  арæзтады.  Уæ хæдбындур  культурæ æмæ традицитæ  нæ бæстæйы   хæзна, йæ  бирæгъуызондзинады æнæдихаг  хай  у.

Æнæниздзинад,  фарн æмæ сабырдзинады фæндтæ  уын зæгъы мæ зæрдæ сымах  æмæ уæ бинонтæн» –   дзырдæуы   фидиуæны.

საქართველოს ყველა მუსლიმ მოქალაქეს გულითადად გილოცავთ რამადანის თვის დადგომას და მის ღირსეულად, რწმენითა და მოთმინებით…

Posted by Irakli Garibashvili on ორშაბათი, 12 აპრილი, 2021