Гуырдзыстоны премьер-министр Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Латвийы Республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр, Эдгарс Ринкеевичсимæ фембæлд.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис дыууæ бæстæйы æхсæн æмахасты æрдæм,к æцы иумæйаг аргъдзинæдтæ æмæ принциптыл æнцойæвæрд у.
Афтæма сæ информацийæ, банысан ис, цæмæй Эдгарс Ринкевичсы визит Латвийы æнæфæцудгæ фарсхæцыны æмæ бæстæты æхсæн фæстиуджытыл ориентацигонд партнерады бæлвырдгæнæн у. Ныхас уыд Гуырдзыстон æмæ Латвийы æхсæн уæвæг экономикон æмгуыстадыл.
Ираклий Гъарибашвили Евроатлантикон интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй Латвийæн раарфæ кодта. Ныхасы рæстæджы хъусдард здæхт уыд оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæры æрдæм. Банысан ис фæсарæн хъуыддæгты министры визиты нысаниуæг оккупацион хаххы цур хъæу Одзисмæ, кæцы йын бынатыл уæвæг уавæры базоныны фадат ратдзæн.
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Ираклий Гъарибашвилийæн ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Латвийы хъæддых фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй нымад арæнты.