Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвилийы арфæ (видео)

Мæ зынаргъ æмбæстонтæн,  алкæмæн уын арфæ кæнын  æрцæуæг Ног  Аз!  Кувын уын   амондджын куыд уат,  уæхæдæг æмæ уæ бинонтæ  уыцы амонд!  Фæнды мæ  сегасæй хуыздæр   фæндтæй  раарфæ кæнон  æрцæуæг Ног Аз уыдонæн,  чидæриддæр хиуылнæауæрдгæйæ   кусы  æмæ службæ кæны нæ бæстæйæн, нæ адæмæн.  Сæрмагондæй та мæ фæнды  раарфæ кæнон   уыдонæн  кæцытæ  ерын дæр ацы минутты  æххæст кæнынц  сæ профессион хæстæ.   Зæрдиагæй  арфæ кæнын  Ног аз    æхсæнадæмон мисситы   хайадисæг   не’фсæддæттæн  æмæ офицертæн, кæцытæ  фыдыбæстæйæ дард,  хъахъхæнынц  сабырдзинад.  Арфæ кæнын   нæ  Абхазаг æмæ Ирон æмбæстæгтæн!  Æцæгæй дæр мæ уырны,  цæмæй   бахъом уыдзыстæм сæндидзын кæнæм æууæнк  æмæ  иумæ  саразæм  нæхи æмæ нæ хъæбулты   иумæйаг фидæн.  Ног Аз арфæ кæнын   фæсарæнты цæрæг   не мбæстонтæн!  Сабырад æмæ сын æнтыстытæ  ракувдзынæн. Мах та æцæгдæр алцыппæт хъуамæ саразæм уый тыххæй,  цæмæй  ацы адæймæгтæ, кæцытæ  сæ фыдыбæстæм бæллынц, алы  уавæртæ саразæм  сæ æрыздæхынæн.

Мæ зынаргъ æмбæстонтæ, ног 2018 аз  Гуырдзыстонæн  сæрмагондæй уадиссаг у!  Ацы аз нæ паддзахадæн,  нæ паддзахады  хæдбардзинад расидынæй  100 аз юбилей банысан кæндзæн.  Арфæ уын кæнын нæ бæстæйы ацы  нысаниуæгджын датæ  æмæ махæн алкæмæн ног  фадæтты  ноджы иу  аз  куыд уа  афтæ.  Арфæгæнаг дæн цæмæй  ахæм бæстæйы  фæцæрæм,  кæцыйы  дæр  уæ алкæй идеяйы сыххæст кæнын уыдзæн гæнæн; Цы ран   алчидæр   сагъæс кæндзыстæм цы нæм ис ууыл, æмæ ацы рæстæджы  нæхи къухæй араздзыстæм  нæ фидæн;

Уым цы ран алчидæр араздзыстæм махæн уарзон  хъуыддаг  æмæ алкæмæн дæр нæ бон у нæ  зонынадæй  æмæ фæлтæрддзинадæй  лæггад кæнæм  нæ уарзон бæстæйæн, нæ фыдыбæстæйæн.  Растдæр ахæм Гуырдзыстоны амайæг стæм.  Ацы  ног азы  уын арфæ кæнын  Бакурианæй –  уыцы ранæй,  кæцы   нæ зæрдыл ралæууын кæны мит,  ног азы бæрæгбон, нæ сабибонтæ,  æмæ ныр та  баст у нæ хъæбулты   сеппæтæй  хуыздæр бонтимæ.  Бакуриан, ацы рæстæджы,  нæ фидæны, нæ райтынгы    хай дæр у.  Æцæгæй дæр  ныфсджын дæн,  цæмæй  ацы бынат, афтæдæр куыд   нæ алæмæттаг рæсугъд  фыдыбæстæйы  алы   регион æмæ алы  къуым,  байдзаг уыдзæн  фылдæрæй-фылдæр жмоци  æмæ ныфсæй.  Ноджы уын иу  хатт арфæ кæнын  2018 азы æрлæууд!  Цардамонд æмæ цинæй куыд макуы  фæцух уат сымах æмæ у бинонтæ уыцы амонд уæм уæт!  Кувын, цæмæй  сабырдзинад,  хæрзиуæг, ног æнтыстытæ   куыд  уа  ацы  Ног Азы  уый æппæтæй бонджын уæм!  Ног азы  нын ног  хæрзтæ æмæ ног амæндтæ уæнт!!