Гуырдзыстоны премьер-министр фембæлд Сербийы вице-премьеримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр фембæлд Сербийы  вице-премьеримæ

2018 азы   Гуырдзыстонмæ план кæны  Сербийы  бизнес делегацийы  визит æмæ  дыууæ  бæстæйы иумæйаг бизнес-форумы  саразын –уый банысан ис  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гирги Квирикашвилийы  æмæ Сербийы  вице-премьеры, базарады, туризмы æмæ  телекоммуникациты  мнистры, Расим Льяичы абоны  фембæлдыл.

Фæрстæ фæныхас кодтой  дыууæфарсон ахастыты  рапарахаты перспективæйыл æмæ ацы æрдгæй   размæ къахдзæфæй  саргъ кодтой  абон къухбафыст  бадзырдтæ экономикон  сферæйы фæлтæрддзинады  кæрæдзийæн фæхай кæныны фæдыл.

Хъусдард здæхт æрцыд,  секторон  æмгуыстады æмæ  экономикон цæдисты  фæтынг кæныны æрдæм.  Разагъд æрцыд  ныфс, цæмæй зæгъгæ  Сербийы  делегацийы  визит ахъаз уыдзæн дыууæфарсон   ахастыты фæстæдæр   райтынгæн.

Премьер-министр  Сербийы  делегацийæн  Гуырдзыстоны  хицауады   реформæты   цыппарпунктджын  план базонгæ кодта.  Сербийы  вице-премьеры  аргълæвæрдæй,   Гуырдзыстоны сæххæст реформæтæ æмæ   бæстæйы  прогресс  тынг  тæлмæнгæнаг сты.

Хъусдард афтæдæр раздæхтой   культурæ æмæ туризмы къабазты  æмгуыстады фæстæдæр   рапарахаты æрдæм.  Фæрстæ дыууæ дæр бæстæйы   территорион æнæхъæндзинад  æмæ суверенитетæн  фарсхæцын сбæлвырд кодтой.