Гуырдзыстоны премьер-министр фембæлд Казахстаны республикæйы премьер-министримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр фембæлд Казахстаны республикæйы премьер-министримæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлд Казахстаны премьер-министр Олжас Бектеновимæ.

РХИ-йы Хицауады хæдзары цы лæгæй-лæгмæ фембæлд уыд, уым фæрстæ æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æнтыстджын æмархайдыл алыгъуызон фадгуыты. Банысангонд æрцыд базарадон-экономикон бастдзинæдты рæзты позитивон динамикæ æмæ ацы здæхты дыууæ бæстæйы экономикон æмгуыстады æхсæнхицауадон къамисы роль.

Фарсытæ æвæрццагæй саргъ кодтой дыууæфарсон базарадон зилдухæн, кæцы 2024 азы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 25% сырæзт.

Фембæлды ма æрдзырдтой экспорты бæрц фæфылдæр кæныны гæнæнтыл æмæ бахахх кодтой ацы хъуыддаджы уæвæг фадæттæй æххæстæй спайда кæныны ахсджиагдзинад.

Ираклий Къобахидзе Казахстаны премьер-министры Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæхуыдта.