Гуырдзыстоны премьер-министр бизнесомбудсмены бынатыл сæвæрдта Отар Данелиайы
Гуырдзыстоны премьер-министр бизнесомбудсмены бынатыл сæвæрдта Отар Данелиайы

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  бизнес-омбудсменæй сæвæрдта Отар Данелиайы.

Ирклий Гъарибашвили  абон Отар Данелиаимæ   хицауады администрацийы  фембæлдис  æмæ йын  фидæн   куысты æнтыстытæ ракуывдта.

Хицауадысæргълæууæг бахахх кодта, цæмæй   бизнесæн  æххуыс у Гуырдзыстоны хицауады приоритет  æмæ фæнысангонд секторæн максималонæй  баххуыс кæндзысты, уымæн æмæ   бизнесы  рапарахат  у  экономикæйы рæзынады æмæ  ног куыстбынæттæ саразынæн   сæйраг  разæууæл.

Премьер-министр бизнес-омбудсменæн  конкретон  барамындтæ ратта æмæ банысан кодта,ц æмæй   нысаниуæгджын   у  бизнесимæ  æргом кусын, къаддæр барьертæ æмæ   куыд  гæнæн си афтæ къаддæр  бюрократи.  Фембæлдыл  афтæдæр бахахх ис, цæмæй ахсджиаг у  максималонæй  рæувадат суа  бизнесæн паддзахадон сервистæ.

Отар данелиа абоны онг,  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министры  фыццаг  хæдивæгы  бынат ахста, æрмæст бизнес-омбудсмены хæстæ та æххæст кодта   бизнес-омбудсмены  хæдивæг Нино Квенетадзе.

Информаци хъусын кæны  премьер-министры  пресс-куыст.