Гуырдзыстоны премьер-министр, Азербайджанæн раарфæ кодта Фыццаг Демокративон Республикæйы 100 азы юбилей
«Мæнæн стыр кад у сæрмагондæй сымахæн раарфæ кæнон цытджын минæвар, афтæмка азербайджайнаг адæмы хæлæрттæн ацы иттæг нысаниуæгджын наионалон бæрæгбон – Республикæйы бон. Ацы аз датæйæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Нæ бæстæтæ ацы аз иумæ сбæрæг кодтам Фыццаг Демокративон Республикæйы бындурæвæрды сæдæазон юбилей. Символон у, ацы историон ран кæй стæм, цы ран сæдæ азы размæ, нæ адæмтæ сывзæрстой прогрессы æмæ размæцыды фæндаг.
Раст 100 азы размæ, 1918 азы 28 майы , Азербайджаны националон совет, ацы ран райхъусын кодта Азербайджаны Фыццаг Демокративон Республикæйы хæдбарады тыххæй.
Дыууæ он раздæр Гуырдзыстоны Националон совет райста закъон бархионы фæдыл æмæ расидтис Фыццаг Демокративон Республикæйы сæвзæрды тыххæй» – ахæм ныхæстæй баздæхт уазджытæм Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили, Демокративон Республикæ Азербайджаны сæвзæрды 100 азы цытæн уагъд мадзалыл.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй хъыгагæн, Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны хæдбардзинад 20-æм æнусы райдианы зæгъгæ, стыр рæстæг нæ аххæссыд, фæлæ уыцы период ныууагъдта æнæсхафгæ фæд, дыууæдæр бæстæты паддзахаддзинады историйы.
«Дыууæ бон раздæр, 26 майы мах сбæрæгбон кодтам нæ республикæйы бæрæгбон Азербайджаны Мили Меджлисы сæрдар Октай Асадовимæ иумæ. Хъыгагæн йеуæд 20 æнусы райдианы, нæ бæстæты хæдбардзинад стыр рæстæг нæ аххæссыд.
Ацы 100 азы дæргъы нæ бæстæтæ бавзæрстой бирæ зындзинад æмæ проблемæтæ. Нæ адæмты хæлардзинад нымайы æнустæ. Абон нæ иумæйаг тыхархайдты руаджы, мах аразæм хуыздæр регион, цы ран уыдзæн фылдæр сабырдзинад, стабилондзинад æмæ дзæбæхдзинад алкæмæн дæр.
Сабыр æмæ стабилон регион у сегасæй сæйрагдæр нысан алкæмæн дæр» – банысан кодта Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг.