Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæгы æхсæн уыд тилифонæй ныхас
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Роберт О’Брайаны æхсæн уыд тилифонæй ныхас, кæцыйы рæстæджы, фарсытæ стратегион партнерады æмæ æмгуыстады сæйраг фарстатæ, афтæма, Гуырдзыстон æмæ регионы уæвæг æдасдзинады æрдгæй уæвæг уавæр æркастысты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийы у банысангонд.
Афтæма сæ хъуысинагæй, телефонæй ныхасы рæстæджы Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг æввахс скæсæны АИШ-ы инициативæйæ цы сабырадон бадзырд бантыст, уый фæдыл райгонддзинад равдыста. Премьер-министр афтæдæр загъта, цæмæй геостратегион интересты æмæ иумæйаг хæзнатæм æмбæлгæйæ, Гуырдзыстон у АИШ-ы æнæфæсайгæ партнер æмæ сæйраг æмцæдисон Сау Денджызы уæрæх регионы (wider Black Sea Region).
«Ныхас афтæдæр уыд Гуырдзыстоны европаг æмæ евро-атлантикон интеграцийы процессыл æмæ
АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмгуыстадыл куыд æдасдзинады афтæ экономикон къабазы, ноджы фæарфдæр кæныны нысаниуæгыл. Сæрмагонд хъусдард здæхт уыд оккупацигонд территориты æрдæм Уæрæсейы оккупацион тыхты архæйдтытыл æмæ уыцы æртъхъирæнтыл кæцы ис бынатыл.
Дискуссийы рæстæджы Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг бахахх кодтой, октябрмæ плангонд парламентон æвзæрстыты, сæрибар, рæстаг æмæ демокративон уавæрты ауадзыны нысаниуæг»,- дзырдæуы премьер-министры пресс-куысты информацийцы.
Афтæма сæ хъусинагæй, телефонæй ныхасы рæстæджы, Гуырдзыстоны премьер-министр АИШ-ы президенты уынаффæгæнæгы Гуырдзыстонмæ официалонæй фæхуыдта.