Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвилийы арфæ(видео)

Мæ  зынаргъ  æмбæстонтæ,  арфæ уын кæнын  ног 2018 аз.  Арфæ уын æрвитын уыцы  залæй,  цы ран сæдæ азы размæ  нæ фыдæлтæ  фыццаг гуырдзиаг   республикæйы  саразыны фæдыл  расидтысты.  Ацы сæдæ аз нæ бæстæйæн уыд драматон, фæлæ абон дæр   мах стæм хæдбар.  Стæм хæдбар æмæ  тырнæм иууыл уæлдæр мысанмæ,  Сæрибар Гуырдзыстоны саразынмæ.

Уый тыххæй  цæмæй  ацы  мысанмæ бахæццæ уæм мах  дзæбæх хъуамæ бамбарæм   алы сидты æмæ   баиу уæм  иу сæйраг   мысанмæ  баххæссынæн.  Иууыл бæрзонд  нысан та у, Æнæхъæн  Гуырдзыстоны саразын  Абхазæгтимæ æмæ Ирæттимæ  иумæ.

Цæмæй нысанмæ баххæссæм  уый  сæйраг фадат у,  цæй  зæгъын æй  хъæуы  бирæ тыхджындæр  æмæ бирæ  эффективондæр   ахуырады системæ.

Ахуырады системæ, кæцы  бирæ  хъæддыхдæр  ног фæлтæры  рахъомыл кæндзæн.  Иттæг нысаниуæгджын  у, цæмæй  экономикон   зындзинæдтыл фæтыхуыны тыххæй, баахъаз  кæнæм  амалиуæгдæртты, уыцы адæмы, кæцытæ   æвзæрын кæнынц нæ  бæстæйы  фæллой.  Иттæг нысаниуæгджын у,  цæмæй  уыцы  адæймæгтæн, кæцытæ    æнусты дæргъы   дарддæр кæнынц  традицитæ  æмæ нæ бæстæйы  сæрыл хæцынц, куыд бæстæйы мидæг афтæ йæ фæсарæнты,   ноджы фылдæр   баххуыс кæнæм.  Сегасæй сæйраг æмæ  нысаниуæгджын у,   райсæм нæ кæрæдзийы  хъауджыдæрдзинад æмæ  сразы уæм  уыйимæ, цæмæй индивидуализм у нæ сæйраг   хъæздыгдзинад.   Ацы  ныфсæй  схудтон  æз  2018 азы  сæрибардзинадæй афæдзæй.  Арфæ уын кæнын  ацы аз æмæ  райсут мæ    уе мвæдонæй,   уæ алы уыцы   ног уæлахисдзинады,  кæцы сæрибардзинады ныфс æмæ удæй  иугонд  уыдзæн.