Гуырдзыстоны  Патриархи  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккагæн  арфæ  кæны  йæ гуырæнбоны фæдыл
Гуырдзыстоны Патриархи Каталикос-Патриарх Илья Дыккагæн арфæ кæны йæ гуырæнбоны фæдыл

Гуырдзыстоны  Патриархи  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккагæн  арфæ  кæны  йæ гуырæнбоны фæдыл.

«Абон Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархыл, Мцхета-Тбилисы сæйрагепископ, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы  митрополит, Илья Дыккагыл  89  азы  сыххæст.

Стыр уарзтæй æмæ  цытæй  йын  арфæ  кæнæм  ацы бон.

Бузныг  Стыр Хуыцауæн, цæмæй  нæ бæстæ æмæ аргъуанæн  иттæг нысаниуæгджын  рæстæджы  растдæр ахæм  разамонæг  ис.  Патриарх азты дæргъы  нæфæллайгæйæ нын амоны  Чырыстийы  уырнынады  иузæрдыгдзинад, уарзондзинад, быхсын,  хатыр кæнын æмæ   адæймæгтыл  аудын.

Æнæнизæй, хъæлдзæгæй бирæ  азтæ куыд фæцæра куыд фæцæра  уыцы арфæтæ йын  зæгъынц нæ зæрдæтæ.

Хуыцауы æххуысæй ма нын ноджы  бирæ  азтæ  фæцæрæт  æмæ  разамынд кæнæт Гуырдзыстоны Рæстдинон   аргъуанæн  Патриарх Илья Дыккаг», –  банысангонд у  Гуырдзыстоны  Патриархийы   æхсæнадимæ ахастыты  куысты  ахæлиугонд  информацийы.