Гуырдзыстоны Патриархий ахæлиугонд файлты тыххæй аразы куырдиат.
Куыриадты банысангонд куыд у афтæмæй, ахæлиугонд файлты стыр хай гæдыдзинад у, иннæ хайы та гæдыдзинад æмæ рæстдзинад сты хæццæ-мæццæ, иуæй-иу ран та ис рæстдзинад дæр.
«Куыд хъусын кæнынц афтæмæй, зæгъгæ кæд файлтæ æнæсанкциргонд байхъуыстæй сты арызт æмæ уæлдайдæр сæ мидæг рæстдзинад æрмæст хайгай у бавдыст, уæд сæ бæлвырдгæнæн документон æрмæгы бавдисыны цауы дæр стыр æвæццæгæнад ис цæмæй фабрикаци уа, уæлдайдæр нырыккон технологиты уавæрты æмæ уыцы быцæудзинад хынцгæйæ, кæцы азты дæргъы аргъуаны ныхмæ æххæст кæнынц бæрæг тыхтæ. Уый тыххæй дæр ахæм ныффыстыты автентондзинад æнæмæнгæй сбæлвырд кæнинаг у» – дзырдæуы фидиуæны.
Патриархийы нымайынц цæмæй иттæг нысаниуæгджын у æрцæугæ фыдракæндыл фæдагуырд афоныл ауадзын , уымæн æмæ уый паддзахады националон æдасдзинад æмæ джелбетты хъуыддаг у.
«Лæмбынæг нæ хъус дарæм цæугæ процесстæм æмæ нæм уыдзæн æмбæлгæ реакци нысаниуæгджын фарстæтыл.
Гуырдзыстон æмæ Гуырдзыстоны аргъуан бирæ фыдбылызæн бафæрæзтой æмæ Хуыцауы фæрцы, амæндæр бафæраздзыстæм. Нæ адæм сты зæндджын æмæ равзардзысты, кæм ис хæрзиуæг æмæ кæм та сусæг фыдбылыз. Афтæма, рæстдзинад кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы æмæ искæмæн дзыхъхъ къахæг, йæхæдæг ис ныххауы уырдæм» – банысангонд у фидиуæны.