Гуырдзыстоны Патриархат -  Сыгъдæг Матронайы дзуары нывондгæнджытæм нæ сидт  у ахæм – Сталины эпизоды тыххæй сæхæдæг бахæссæд  æмбæлгæ ивддзинæдтæ дзуармæ, кæнæ та уый  мах сараздзыстæм
Гуырдзыстоны Патриархат - Сыгъдæг Матронайы дзуары нывондгæнджытæм нæ сидт у ахæм – Сталины эпизоды тыххæй сæхæдæг бахæссæд æмбæлгæ ивддзинæдтæ дзуармæ, кæнæ та уый мах сараздзыстæм

Гуырдзыстоны  Патриархат   сиды  сыгъдæг Матронайы  дзуары  нывондгæнджытæм, Сталинимæ баст  эпизоды  тыххæй,  бахæссæд   дзуармæ æмбæлгæ  ивддзинæдтæ кæнæ уыдоны Патриархат йæхæдæг бахæсдзæн.  Уый фæдыл дзырдæуы  Патриархаты фидиуæны.

«Сыгъдæг Самебайы кафедралон аргъуаны  æвæрд сыгъдæг Матронайы   дзуарыл  æвдыст  иуæй-иу  эпизоды тыххæй, фæстаг бонты   кæрæдзиуылнæбадæг   ныхæстæ  æмæ  быцæумбæлд не нцайы,  кæцы   политикон   хуыз дæр райста. Уыимæ дзуар ссис, бынтон срасткæнын гæнæн цæмæн нæй  ахæм  архайды   объектæй æмæ  уавæр дæр фылдæр фæкарз ис.  Хæлиу кæнынц æндæр æнæраст  цæстæнгастæ дæр, цæй тыххæй дæр æмбарынгæнæн дæттæм:

Æмтгæй  зæгъгæйæ, дзуарыл,  нывкæныны каноникон  фæткæвæрдмæ гæсгæйæ, гæнæн ис   нывгонд уа  æнæрмæст Сыгъдæг, фæлæ ма сыгъдæджы цардимæ баст реалон историтæ  кæцыфæнды адæймагы нывимæ, сæ нымæцы  хицауады минæвæртты æмæ  хумæтæг адæймæгтæ дæр, хъизæмарæй марæг æмæ  чырыстон дины æфхæрæг  дæр,  сыгъдæджы  йæхи   хъизæмарæй чи мардта ахæмтæ дæр; фæлæ бынтон нæ  нысан кæны, цæмæй  дзуар афтæмæй  ацы гоймæгты кадджын кæны  кæнæ сын истæмæй цыт кæны, фæлæ ахæм  деталтæ  вæййынц  Сыгъдæгимæ баст æнæмæнг  фактты равдыст.

Уый тыххæй  цæмæй И. Сталины  фембæлд Сыгъдæг Матронаимæ,   æнæгъгъæд бæлвырдгæнæнты тыххæй, нæу  хаст  йæ  царды  каноникон  текстмæ, нæу нымадмæ ист  Уæрæсейы  аргъуаны, кæцы уый  сыгъдæгæй   банымадта æмæ ацы фарстайы  тыххæй  специалон иртасæн дæр ауагъдта, æнæмæнгхъæугæ у  фæнысангонд эпизоды  фæивын  æмæ  дзуар нывкæныны  каноникæимæ  баст  æндæр деталтæ дæр  зæрдыл бадарын.

Нæ сидт  нывондгæнджытæм у ахæм – сæхæдæг бахæссæд  æмбæлгæ ивддзинæдтæ  дзуармæ, кæнæ та уый  мах сараздзыстæм», – банысангонд у Патриархаты фидиуæны.