Гуырдзыстоны Патриархат -  а.х. Хуссар Ирыстоны  президентмæ Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы патриархы фыстæг  нембарын расайы
Гуырдзыстоны Патриархат - а.х. Хуссар Ирыстоны президентмæ Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы патриархы фыстæг нембарын расайы

Гуырдзыстоны патриархий публикаци кæны фидиуæн, кæцыйы  банысангонд у, цæмæй  Мæскуыйы   патриархаты  официалон  фарсыл публикацигонд   уыд Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы  патриархы  арфæ, а.х. Хуссар Ирыстоны  президентæн, а.х.  æвзæрстыты  уæлахиздзинады тыххæй.

Патриархийы  хъусинагæй,   Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы  патриархы  фæнысангонд  фыстæг   æвзæрын кæны æнæмбарындзинад.

«Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы  патариархы фæнысангонд фыстæг   æвзæрын кæны æнæмбарындзинад, уымæн æмæ   –   а)  Уæрæсейы  аргъуан  нымадмæ исы  Гуырдзыстоны  аргъуаны юрисдикци а.х. Хуссар Ирыстоны  территорийыл, б)  Гуырдзыстоны  аргъуан, Гуырдзыстоны паддзахад  æмæ æхсæнадæмон дзыллæ дæр нымадмæ  исынц Гуырдзыстоны æхсæнадæмонæй  нымад арæнтæ, æрмæст оккупацигонд территорийыл архайæг  администрацийы та нымайынц  оккупацион  режимæй.

Хъыгаг у, цæмæй  абон,  рæстдонон аргъуанты æхсæн   ахастытæ  сфидар кæныны алы  архайд афтæ нысаниуæгджын куы у,  арзыт цæуынц  ахæм къахдзæфтæ, кæцы æппæрццаг æндавы  уæвæг   уавæрмæ æмæ   йæ  карз кæны», – банысангонд у  фидиуæны.