Гуырдзыстоны Патриархат - Сыгъдæг Матронайы дзуары нывондгæнджытæм нæ сидт у ахæм – Сталины эпизоды тыххæй сæхæдæг бахæссæд æмбæлгæ ивддзинæдтæ дзуармæ, кæнæ та уый мах сараздзыстæм
Гуырдзыстоны Патриархат сиды сыгъдæг Матронайы дзуары нывондгæнджытæм, Сталинимæ баст эпизоды тыххæй, бахæссæд дзуармæ æмбæлгæ ивддзинæдтæ кæнæ уыдоны Патриархат йæхæдæг бахæсдзæн. Уый фæдыл дзырдæуы Патриархаты фидиуæны.
«Сыгъдæг Самебайы кафедралон аргъуаны æвæрд сыгъдæг Матронайы дзуарыл æвдыст иуæй-иу эпизоды тыххæй, фæстаг бонты кæрæдзиуылнæбадæг ныхæстæ æмæ быцæумбæлд не нцайы, кæцы политикон хуыз дæр райста. Уыимæ дзуар ссис, бынтон срасткæнын гæнæн цæмæн нæй ахæм архайды объектæй æмæ уавæр дæр фылдæр фæкарз ис. Хæлиу кæнынц æндæр æнæраст цæстæнгастæ дæр, цæй тыххæй дæр æмбарынгæнæн дæттæм:
Æмтгæй зæгъгæйæ, дзуарыл, нывкæныны каноникон фæткæвæрдмæ гæсгæйæ, гæнæн ис нывгонд уа æнæрмæст Сыгъдæг, фæлæ ма сыгъдæджы цардимæ баст реалон историтæ кæцыфæнды адæймагы нывимæ, сæ нымæцы хицауады минæвæртты æмæ хумæтæг адæймæгтæ дæр, хъизæмарæй марæг æмæ чырыстон дины æфхæрæг дæр, сыгъдæджы йæхи хъизæмарæй чи мардта ахæмтæ дæр; фæлæ бынтон нæ нысан кæны, цæмæй дзуар афтæмæй ацы гоймæгты кадджын кæны кæнæ сын истæмæй цыт кæны, фæлæ ахæм деталтæ вæййынц Сыгъдæгимæ баст æнæмæнг фактты равдыст.
Уый тыххæй цæмæй И. Сталины фембæлд Сыгъдæг Матронаимæ, æнæгъгъæд бæлвырдгæнæнты тыххæй, нæу хаст йæ царды каноникон текстмæ, нæу нымадмæ ист Уæрæсейы аргъуаны, кæцы уый сыгъдæгæй банымадта æмæ ацы фарстайы тыххæй специалон иртасæн дæр ауагъдта, æнæмæнгхъæугæ у фæнысангонд эпизоды фæивын æмæ дзуар нывкæныны каноникæимæ баст æндæр деталтæ дæр зæрдыл бадарын.
Нæ сидт нывондгæнджытæм у ахæм – сæхæдæг бахæссæд æмбæлгæ ивддзинæдтæ дзуармæ, кæнæ та уый мах сараздзыстæм», – банысангонд у Патриархаты фидиуæны.