Гуырдзыстоны парламент, Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты райуæрсты тыххæй уынаффæ цæугæ сессийыл нæ райсдзæн Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты райуæрсты тыххæй уынаффæ
Гуырдзыстоны парламент цæугæ сессийыл нæ райсдзæн Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты райуæрсты тыххæй уынаффæ, ацы фарстамæ парламент баздæхдзæн уалдзæгон сессийы райдианы – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
«Куыд æй зонут афтæмæй, юстицийы бæрзонддæр совет, парламентмæ, сывзарынмæ бавдыста Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты.
Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты кандидатты бавдыст юстицийы иуылбæрзонд советы æрдгæй аргуменнтацигонд уыд тæрхондоны сконд баххæст кæныны хъæуындзщинадæй. Куыд æй зонут афтææмй, ныр Сæйраг тæрхондоны 28-æй æрмæст 10 тæрхонгæнæг сты бавдыст, кæцы тынг куылымпы кæны хъуыддæгты афоныл æркæсын æмæ стæрхон кæныны процесс.
Æндæр æмæ æндæр инстересджын фарсы æрдгæй разагъд æрцыд фæндон, кандидатты равзæрст сæххæст уа развæлгъау плангонд процедурæты æмæ критеритæм æмбæлгæйæ.
Фæнысангонд зæрдыл даргæйæ æмæ юстицийы иуыл бæрзонд советы æрдгæй абон разагъд позицимæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны парламент цæугæ сессийы нæ райсдзæн Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты снысан кæныны тыххæй уынаффæ. Ацы фарстамæ парламент баздæхдзæн уалдзæгон сессийы райдианы, цæмæй срæвдзæуа тæрхондоны сконды афоныл бахæст бæрзондквалифициргонд кадртæй» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.