Гуырдзыстоны парламент – гæнæн провокациты превенцийы нысанæн, фыццаг марты парламенты бæстыхаймæ бауадзыны арæнгонд режим кусдзæн

10:37, 01.03.2022

Гуырдзыстоны  парламент æдасдзинады уæлæмхас  мадзæлтты   фæдыл  фидиуæнтæ хæлиу кæны.

«Фыццаг марты, «Гуырдзыстоны  парламенты   галуаны æмæ алыварс  территорийыл æдасдзинады хъахъхъæды  режимы фæдыл»  Гуырдзыстоны  парламенты  æдасдзинады  2016  азы   30  декабры N259/3  бардзырдæй   бæрæг  регуляцитæм  æмбæлгæйæ,  архайдзæн парламенты бæстыхаймæ   бауадзыны    арæнгонд  режим,  медийы   минæвæрттæй  дарддæр.

Фæнысангонд  мадзæлтты  нысан у,  гæнæн провокациты превенци æмæ   Гуырдзыстоны  парламенты  уæнгты æмæ   аппараты   кусджытæн,  кусæн уавæртæ  саразын», – хъусын кæнынц   Гуырдзыстоны   парламенты.

 

Хуыздæр